Студопедия

КАТЕГОРИИ:

АстрономияБиологияГеографияДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника


Гайдары тыххæй




Аркади Петры фырт Гайдар (Голиков) райгуырдис Арзамасы горæты 1904 азы. Дæс азы йыл куы рацыд, уæд ын йæ фыды акодтой Германы хæстмæ. Аркадийæн цæрæнбонты йæ зæрдыл лæууыдысты йæ фыды даст сæр, йæ уæлæ цавæрдæр цъæхбын худ, афтæмæй, салдаттаг уæззау цырыхъхъытæ æфсæйнаг цæфхæдтимæ, йæ хо Катюшæйы æрдиаг, нефт, карбовкæ æмæ фæткъуыйы тæф чи кодта, уыцы вагзал.

Цыппар азы фæстæ та цыппæрдæсаздзыд Аркади Голиков йæхæдæг сфæнд кодта хæцын хуыздæр цардамонды, адæмты æфсымæрдзинады, советон хицауады сæраппонд.

Лæппу бæзæрхыг уыди, стæй асæй дæр бæрзонд, кæд ыл азтæй бирæ нæ цыд, уæддæр. Цал азы дыл цæуы, зæгъгæ йæ куы бафарстой, уæд йæхи схуыдта æхсæрдæсаздзыд æмæ Сырх Æфсадмæ бацыд. Фронттæй бирæ рæтты уыди. Хæцыди Петлюрæйы ныхмæ, полякты ныхмæ, Кавказы хæсты, мидхæсты, Антоновы бандæйы ныхмæ, хæцыдис ма Монголы арæнмæ хæстæг дæр.

«Цы федтон, — фыста цалдæр азы фæстæ, — размæ кæм бырстам, фæстæмæ кæм цыдыстæм, уыдон се ’ппæт афтæ тагъд нæ радзурдзынæ. Фæлæ дзы мæ зæрдыл тынгдæр лæууы, Сырх Æфсад иунæгæй, хъæбатырæй, æнувыдæй, зæрдиагæй куыд хæцыди дунейы урсгвардионты ныхмæ, уый».

Йе ’мбæлттæй бирæтæ хæсты фæмард сты. Йæ сабийы бонтæ Гайдар арвыста тохы фæздæг æмæ арты ’хсæн тыхстытæй, сагъæсгæнгæйæ, йæ бинонтæй хицæнгонд уыдис, афтæмæй. Æмæ йæ зæрдæбынæй уырныдта сомбоны уæлахиздзинад æмæ рæсугъд фидæн. Гайдар фыста:

«... уый фæстæ ма дзы баныгæдтой ноджы дæс дæр, ссæдз дæр, фондзæссæдз дæр, мин дæр, фæлæ уæддæр советон хицауад царди, цæры, стæй йын никæй бон ницы бауыдзæни, æмбæлттæ».

Фынддæсаздзыдæй каст фæци Киевы командирты курсытæ, æмæ йæ 1919 азы августы мæйы снысан кодтой курсантты бригады 2-аг полчы 6-æм ротæйы командирæй. Уый фæстæ та уыди батальоны командир, отряды командир, стæй та Воронежы 23-æм полчы командир, фæстагмæ та уыди бандитизмы ныхмæ хæцæг 53-æм хицæн полчы командир.

«Уæд ма æгæр саби уыдтæн, — уый фæстæ йыл-иу Гайдар йæхæдæг басаст, — кæй зæгъын æй хъæуы, Чапаевы хуызæн нæ командæ кодтон. Мæ куыстытæй адæмы хуызæн иу дæр нæ цыд. Иуæй-иу хатт иу адзæгъæл дæн, рудзынгæй-иу куы акастæн, уæд-иу ахъуыды кодтон: ех, цы хорз уаид, ме ’хсаргард куы райхалин, мæ маузер куы раттин æмæ дæлæ уыцы лæппутимæ иу чысыл куы ахъазин, уæд... Къорд хæттыты-иу коммæ дæр нæ бакастæн, мæхи зондыл иу ацыдтæн, æмæ мæ-иу уæд нæхиуæттæ тынг бафхæрдтой. Уыдон мын иууылдæр пайдайы хос фесты».

Фидæны фыссæг Гайдар, Аркади Голиков æхсæз азы фæци Сырх Æфсады. Уый Сырх Æфсады тынг бауарзта, тынг балымæн æфсæддон цардимæ æмæ фæнд кодта бынтондæр уым баззайыныл. Фæлæ 1923 азы тынг фæрынчын Гайдар — йæ сæр хæсты фæхъыгдард æмæ йæ уый фæлмæцын кодта. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыдис хи сдзæбæх кæныныл ахъуыды кæнын. Æмæ 1924 азы апрелы мæйы, Гайдарыл ссæдз азы куы сæххæст, уæд æй суæгъд кодтой Сырх Æфсадæй æмæ йæ банымадтой запасы командирыл.

«Ныр райдыдтон фыссын, — дзырдта уæды рæстæджы тыххæй Гайдар йæхæдæг. — Æвæццæгæн уымæн, æмæ ма, æфсады уæвгæйæ, уыдтæн чысыл лæппу. Мæн бафæндыдис радзурын ног чысыл лæппутæн æмæ чызджытæн куыд уыди цард, куыд райдыдта æмæ дарддæр куыд уыди, уый. Уымæн æмæ дзы чысыл нæ федтон».

Афтæ æгъдауæй фыст æрцыд «ног чысыл лæппутæн æмæ чысыл чызджытæн» сывæллæтты литературæйæ хуыздæр чингуытæй иу — «Скъола», зæгъгæ. Уый уыди стыр автобиографион таурæгъ карз скъолайы тыххæй, революцийы ног фæлтæр кæуыл рацыдысты, «заманы тыхст æмæ тызмæг дымгæйы тыххæй», райдзаст фидæны сæраппонд рæстдзинады хæстмæ йæхи æгъдауæй чи бацыди, уыцы фыдæлты æмæ сæ цоты тыххæй.

Уыцы чиныг фыццаг куы рауагътой мыхуырæй, уæд хуынди «Хуымæтæджы биографи». Ахæм сæримæ йæ уагътой «Фæсивæдæн Роман-газеты». Чиныгæн йæ цъары бын сыфыл уыдис сырх командиры къам, йæ хъуынджын худ къæбутыл кондæй, йæ фарсыл æхсаргард, йæ дысыл сырх стъалы хуыд, афтæмæй. Къамы бын фыст: «Аркади Гайдар 1920 азы — 303-æм полчы æхсæзæм ротæйы командир. Кавказы фронты». Чиныг «Скъола»-йы сæйрагдæрæй æвдыст чи цæуы — салдаттаджы фырт Борискæ Голиков, уый у Аркади Гайдар йæхæдæг.

Чиныджы афтæ бирæ бауарзтой, æмæ уайтагъд сси сывæллæтты библиотекæты хуыздæр чингуытæй иу. Æцæгæйдæр чиныг уыди хуымæтæджы æвзагæй, зæрдæбынæй æмæ раст фыст. Уый фæстæ ма йæ ноджы цалдæр хатты рауагътой. Фæстаг хатт ма йæ мыхуыр кодтой, 1941 азы сармадзаны гæрæхтæ куы хъуысти æмæ Гайдары кæсджытæй бирæтæ сæхæдæг хæцынмæ куы ацыдысты, уæд.

Гайдарæн бирæ ныффыссын нæ бантысти, фæлæ йæ чингуытæй мæнæ «РВС», «Скъола», «Дард бæстæтæ», «Æфсæддон сусæгдзинад», «Æрвхуыз къус», «Барабанæй цæгъдæджы хъысмæт», «Чук æмæ Гек», стæй йæ кой дардыл кæмæн айхъуыст, уыцы чиныг «Тимур æмæ йæ командæ» кæддæриддæр уыдзысты уарзон чингуытæ, дуне базонынмæ чи тырны, дунемæ тагъддæр æркæсын æмæ йæ бамбарын кæй фæнды, уыдонæн.

Гайдарæн йæ ном дардыл айхъуысын кодта æмæ йын стыр кад скодта йæ чиныг «Тимур æмæ йæ командæ», суанг ма фæсарæнты дæр (афтæ хуыйны уыцы чиныгмæ гæсгæ арæзт кинофильм дæр).

Ацы чиныгæй Гайдарæн йе ’ннæ чингуыты ’хсæн ницы бæрæг хъауджыдæр ис. Фæлæ дзы уæлдай бæлвырддæрæй æмæ тыхджындæрæй æвдисы, парахат зæрдæ Тимуры хуызы, Гайдарæн рагæй йе сфæлдыстад хъæздыг цæмæй уыди, уыдон: нæ бæстæ æд хæцæнгарз чи хъахъæны, уыдонæн иттæг зæрдиагæй истæмæй баххуыс кæнын, сывæллоны хорз зæрдæйы уаг ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй равдисын. Чиныджы герой — ногдзау Тимур — Сырх Æфсадæн баххуыс кæныны тыххæй æрхъуыды кодта диссаджы хорз æмæ бæллиццаг æгъдау. Уый йе ’мгæрттимæ сусæгæй æххуыс кæны, хæстмæ чи ацыд, уыдон бинонтæн. Æдæрсгæ, хæлар зæрдæ, хъуыддаг цæхгæр кæнаг, хæдæфсарм, æвæлмæцгæ, æвзыгъд æмæ ныфсджын саби Тимур сси фæзминаг. Уый æгъдауыл цæуын, уый митæ фæзмын сфæнд кодтой советон сывæллæттæй милуантæ.

Советон скъоладзаутæй минтæ æмæ милуантæ сæхæдæг дæр сæхимæ фæкастысты Тимуры хуызæн. Æцæгдæр, алкæмæн дæр дзы йæ бон уыди Тимуры хуызæн суæвын. Уый хуызæн намысджын, хъæбатыр, æххуысджын, куы йæ бафæндыдаид, уæд. Гайдары чиныг советон сывæллæттæн сси канд уарзон чиныг нæ, фæлæ афтæ кадджын, æмæ сывæллæтты чингуытæй иу дæр ахæм никæд уыд. Сывæллæттæ сæхи æгъдауæй алы ран дæр базмæлыдысты. Уыцы змæлд схуыдтой «тимуронты» змæлд. Сывæллæтты фыссæг Аркади Гайдар сывæллæттæн бацамыдта æнцон æмæ хорз фæндаг, сабитæй нæ уарзон Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæг Сырх Æфсадæн зæрдиаг æххуыс бакæнынмæ чи бæллыд, уыдонæн.

Гайдар йæ Тимуры ныффыста хæсты агъоммæйæ бирæ раздæр. Иуæй-иутæ ма дзургæ дæр кодтой, Гайдар «лæппу» мысгæ æркодта, уый хуызæн лæппу нæдæр скъолаты ис, нæдæр ногдзауты лагерты, зæгъгæ. Фæлæ Гайдары хъуыддаг уымæй фæрæстмæ, йæ хорздзинад гъе уымæй у, æмæ фыссæг рагацау базыдта, федта æмæ бамбæрста йæ Тимуры хуыз, не скъоладзаутæ æмæ пионертæ кæй аразынц, уыцы мингай хъуыддæгтæм гæсгæ æмæ сарæхсти ног фæлтæрмæ цы хорздзинæдтæ ис, уыдон иумæ æххæстæй æрæмбырд кæнын, царды мидæг бæлвырд хуызы, чысылты зæрдæтæ йæхимæ чи здахы, ахæм хуызы.

Аркади Гайдары чингуытæ кæсынæй не ’фсæдынц нæ бæстæйы сывæллæттæ горæтты дæр æмæ хъæуты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæстыл дзургæйæ, фидæны иу æмæ дыууæ хатты не ’рцæудзæни «тимуронты» кой. Уыцы ныхас нæ фæцух уыдзæни адæмы дзыхæй, уыцы ныхас баззайдзæни историйы, куыд сывæллæтты уарзондзинад Фыдыбæстæмæ. Уый баззайдзæн æвдисæнæн, æрыгон фæсивæд хæсты тыхст бонты се ’ппæт хъаруйæ дæр знаджы ныхмæ хъазуат тохы адæмæн баххуыс кæныныл куыд архайдтой, уымæн.

Тимуронты змæлд фæзынди хæсты агъоммæ чысыл раздæр, уымæн æмæ æфсæддон адæймаг Гайдар, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæхи барæй схуыдта «сывæллæтты фыссæг», рагæй агуырдта ныхæстæ, сурæттæ, ног фырттæн æмæ чызджытæн чи баххуыс кодтаид гæрзифтонгæй хæсты карз бонтыл сæмбæлынæн. Гъе уымæ гæсгæ Гайдары ном цæрдзæни алкæй зæрдæйы дæр, нæ бæстæ хæсты бонты цы бавзæрста, уыдон чи æрæмысы, уыдонæн. Гайдары ном кадджын бынат æрцахсдзæни Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фашизмы ныхмæ хæцджыты номхыгъды. Гайдары ном бæрæггонд уыдзæни, хæсты чи фæмард, уыдон номхыгъды: фыссæг Аркади Гайдар — «Комсомольская правда»-йы æфсæддон уацхæссæг уæвгæйæ, фронтæй бирæ хорз поэтикон æмæ æндæр очерктæ ныффыста. Фæмарди 1941 азы Украинæйы.

Æрцæудзæн рæстæг Гайдары уæлмæрд бацагурынæн, — зонæм æй кæм ис, уый... Æмæ йын, чи зоны, гъе раст уыцы ран сæвæрæм цырт, диссаджы фыссæгæн, æфсæддон адæймаг Аркади Петры фырт Гайдарæн.

Æз цыма ныр дæр уынын уыцы цырт цъæх бæлæсты бын æмæ лыстæг къах статуйы: фидар саби, ногдзауы галстук æмæ сырх стъалыджын худ йæ уæлæ, стыр бæстæй горизонтмæ фæлмаст фæлгæсгæйæ, — уый у Гайдар кæй сныв кодта, уыцы Тимур.

Лев Кассиль

Тимур æмæ йæ командæ

Æртæ мæйы рацыдаид, бронедивизионы командир полковник Александров сæ хæдзары кæдæй нæ уыди, уæдæй нырмæ. Æвæццæгæн, фронты уыдис.

Сæрды æмбисы æрæрвыста тел, æмæ куырдта йæ чызджытæй — Ольгæ æмæ Женяйæ, — цæмæй ма сын скъоламæ бацæуыны агъоммæ цы рæстæг баззадис, уый арвитой Мæскуымæ хæстæг дачæйы.

Женяйæн йæ хъулон сæрбæттæн йæ къæбутмæ æрбырыд, пъолмæрзæн щеткæйы хъæдыл æрæнцой кодта æмæ мæсты, æрфыгæлхынцъæй лæууыди Ольгæйы раз, Ольгæ та йын дзырдта:

— Æз цæуын дзауматимæ, ды та амбафснай уат. Де ’рфгуытæ дæр ма æлхынцъытæ кæн æмæ былæсчъилтæ ма кæн. Стæй-иу дуар сæхгæн. Чингуытæ-иу библиотекæмæ бахæсс. Фæндагыл де ’мбæлттæй макæмæ баздæх, фæлæ-иу уыциу цыдæй вагзалмæ цæугæ. Уырдыгæй-иу нæ фыдмæ мæнæ ацы тел радт. Уый фæстæ-иу поезды сбад æмæ-иу дачæмæ рацу. Евгения, ды хъуамæ мæ коммæ кæсай. Æз дæ хо дæн...

— Æз та дæ хо.

— О... фæлæ æз хистæр дæн, стæй дæм кæд мæ ныхæстæ нæ хъарынц, уæд зон, нæ фыд дæр афтæ бафæдзæхста.

Ольгæ цы машинæйыл цыдис, уый куы араст æмæ кæрты куы стыф-тыф кодта, уæд Женя ныуулæфыд æмæ йæ алфамблаймæ акаст. Дзауматæ æнæфснайдæй æмæ алы ран хæлиутæй лæууыдысты. Бацыдис рыгæйдзаг кæсæнмæ; уырдыгæй та йæм зындис къулыл ауыгъд йæ фыды къам.

Хорз! Уадз æмæ уал афтæ уæд: Ольгæ хистæр у æмæ — цы гæнæн ис — йæ коммæ кæсын хъæуы. Фæлæ уыйхыгъд уымæн та, Женяйæн, йæ фындз, йæ дзых, йе ’рфгуытæ сты йæ фыды фындзы, дзыхы æмæ æрфгуыты хуызæн. Æмæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы ахаст дæр уыдзæни йæ фыды хуызæн.

Йæ сæры хъуынтæ æнгомдæр æрбабаста йæ сæрбæттæнæй. Йæ сандалитæ феппæрста. Райста пысул. Стъолæй раскъæфта стъолæмбæрзæн, къраны бын авæрдта бедра æмæ, пъолсæрфæн щеткæмæ фæлæбургæйæ, дуаргæронмæ бырæттæ ахæрхæр кодта. Уайтагъд асыгъта керосинкæ, сгуыв-гуыв кодта примус.

Пъолыл ауагъта дон. Цинк тæгæнайы мидæг сыр-сыр æмæ скъуыдтæ кодта сапоны фынк. Уынджы цæуджытæ диссагау кастысты сырх къабаджын бæгъæввад чысыл чызгмæ. Уый æртыккаг уæладзыджы рудзынгыл лæууыди æмæ æдæрсгæйæ сæрфта гом рудзгуыты æвгтæ.

Уæзласæн машинæ тагъд згъордта уæрæх æмæ хурварс фæндагыл. Йæ къæхтæ чемоданыл сæвæргæйæ æмæ фæлмæн цыдæр барджийыл æнцой кæнгæйæ, Ольгæ бадтис быд къæлæтджыныл. Йæ уæрджытыл хуыссыдис бур гæдыйы лæппын æмæ йæ дзæмбытæй æрвгъуыз дидинæджы бастмæ фæныхил-фæныхил кодта.

Æртын километры куы ацыдысты, уæд сæ баййæфта сырхæфсæддонты мотоколоннæ. Сырхæфсæддонтæ рæнхъгай бадтысты хъæдын даргъ бандæттыл, сæ къухты топпыты дзыхтæ хæрдмæ здæхтæй, афтæмæй æмхуызонæй зарыдысты.

Уыцы зардмæ-иу хæдзæртты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ тынгдæр байгом сты. Кауты сæрты æмæ кæрты дуæрттыл-иу ратахтысты сывæллæттæ цин кæнгæйæ. Сæ къухтæ тылдтой, сырхæфсæддонтæм æппæрстой цъæх фæткъуытæ, сæ фæдыл хъæр кодтой «ура» æмæ-иу уыцы ран ацарæзтой хъазæн хæст, бæхджын æфсæдты хуызæн хъазуатæй бырстой скъæлдзой æмæ пысыратæм.

Уæзласæн машинæ базылдис дачæты ’рдæм æмæ æрлæууыдис мæцкъор кæуыл æртыхст, ахæм чысыл дачæйы раз.

Шофыр йе ’ххуысгæнæгимæ байгом кодтой машинæйы фæрстæ æмæ райдыдтой дзауматæ æддæмæ исын, Ольгæ та бакодта авг æвæрд тыргъы дуар.

Уырдыгæй зындис, зылд кæмæ нал уыд рагæй, ахæм стыр дыргъдон. Дыргъдоны рæбынæй уыдис æвзæргомау арæзт дыууæ уæладзыг сара, сарайæн йæ сæрмæ та дымгæ фæйлыдта чысыл сырх тырыса.

Ольгæ машинæмæ фæстæмæ рацыдис. Уым æм базгъордта цæрдæг зæронд сылгоймаг — уый уыдис сыхаг, æхсыруæйгæнæг. Уый загъта Ольгæйæн, дачæ кæй бафснайдзæн, пъолтæ æмæ рудзгуытæ кæй ныхсдзæни, къултæ кæй ныссæрфдзæни.

Сыхаг ус цалынмæ тастæ æмæ пысултæ бæстон кодта, уæдмæ Ольгæ йемæ айста гæдыйы лæппыны æмæ ацыдис дыргъдонмæ.

Сырддон цъиутæ кæй бахсыдтой, уыцы бал бæлæсты хихтыл æрттывта тæвд писи. Хъæлæрдзы, æхсæнчъы хос æмæ скъæлдзой кодтой тынг тæф. Сарайы царыл схæцыди хъуына; цар уыдис алырдыгæй гæмттæ, уыцы гæмттæй уæлæмæ аивæзтысты цавæрдæр синæгтæ æмæ нал зындысты бæлæсты сыфтæрты мидæг.

Ольгæ бахызти æхсæры къутæрты ’хсæн æмæ йæ цæсгомæй асæрфта хæлуарæджы тынтæ.

Цы хабар у? Сырх тырыса сарайы сæр нал уыдис, баззадис ма дзы сагъдæй æрмæст тырысайы хъæд.

Уым Ольгæйы хъустыл ауадис тагъд фæдисы сыбар-сыбур. Уалынмæ, сарайы сæр рудзынгмæ цы уæззау асин æвæрд уыдис, уый къулы æнцæйтты рахаудта, æмæ, мæнтæджы сыфтæ ссæндгæйæ, зæххыл йæ гуыпп фæцыдис.

Сарайы сæр цы синæгтæ ныттынг, уыдон базмæлыдысты. Гæдыйы лæппын, Ольгæйы къухтæ атыдта йæ ныхтæй æмæ пысыратæм агæпп кодта. Гуызавæгæнгæйæ, Ольгæ ныллæууыдис, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, айхъуыста. Фæлæ пыхсыты дæр, сыхаджы быруйы æддейæ дæр, сарайы цыппæрдигъон сау рудзынджы дæр никæй федта, никæй хъæр дзы фехъуыста.

Фæстæмæ раздæхтис тыргъмæ.

— Уый уæртæ сывæллæттæ кæйдæр дыргъдæттæм хизынц æмæ фыдуаг митæ уыдон кæнынц, — загъта Ольгæйæн æхсырхæссæг. — Знон нæ сыхæгтæн сæ дыууæ фæткъуы бæласы æрцагътой, кæрдо бæласы та сæтгæ акодтой. Ахæм сысты... æнæуаг. Æз, мæ хур, мæ лæппуйы арвыстон Сырх Æфсадмæ службæ кæнынмæ. Æмæ ацыдис, сæн дæр нæма банызта, афтæмæй. «Хæрзбон, — зæгъы, — нана». Ацыдис, ныззарыдис, ныхситт кодта, мæ уарзон. Изæрырдæм та, куыд вæййы, афтæ æрæнкъард дæн, кæугæ дæр акодтом. Æхсæвы райхъал дæн, æмæ, цыма, нæ кæрты чидæр цыдæр агуры, уыйау рауай-бауай кæны. Ныр иунæгæй баззадтæн, — зæгъын, — мæ сæрыл чи сдзура, ахæм мын ничи уал ис... Æмæ мын бирæ хъæуы зæрондæй? Агуыридурæй сæр ныццæв — æмæ фæдæн. Фæлæ мæ хуыцау бахызта — ницы мæ адавтой. Рауай-бауай акодтой æмæ ацыдысты. Тулдз тъæпæнæг уыди нæ кæрты, дыууæйæ йæ нæ афæрæзтаиккой, — æмæ йæ ссæдз санчъехы бæрц кæрты дуармæ атылдтой. Æндæр ницы. Фæлæ чи уыдысты, цавæр адæм уыдысты — ницы сын бамбæрстон.

***

Изæрдалынгты, уæттæ æфснайд куы фесты, уæд Ольгæ рацыдис тыргъмæ. Уым арæхсгæ сласта гæрз агъудæй йæ перламутрæйы урс, цæхæртæ калгæ фæндыр (аккордеон) — йæ фыды лæвар, йæ райгуырды афæдзы бонмæ йын кæй æрæрвыста, уый.

Фæндыры æрæвæрдта йæ уæрджытыл, йæ гæрз ын йæ уæхскмæ сæппæрста æмæ йын йæ амонæнтæй райдыдта, æрæджы кæй фехъуыста, уыцы зарæджы ныхæстæм гæсгæ цæгъдын фæлварын:

Эх, æрмæст ма мын иу хатт

Куы бантысид дæу фенын,

Эх, æрмæст ма мын... иу хатт...

Æмæ дыууæ... æмæ æртæ...

 

Цырд хæдтæхæджы

Ды нæ бамбардзынæ,

Æз дæм куыд æнхъæлмæ кастæн

Сæумæцъæхмæ.

 

О! Тæхджытæ-пилоттæ!

Бомбæтæ-пулеметтæ!

Гъе, атахтыстут дард фæндагыл.

Кæд æрбаздæхдзыстут?

Нæ зонын æз, тагъд æви нæ,

Фæлæ уæддæр раздæхут...

Кæд фæнды дæр уæд.

Уыцы зарæг ма куы кодта Ольгæ, уæд иу цалдæр хатты цыбыр æмæ дисгæнæджы кæстытæ фæкодта кæрты быруйы цур цы тар къудзи зади, уымæ.

Фæндырæй цагъд куы фæци, уæд тагъдгомау фестади æмæ, къудзийы ’рдæм йе ’ргом аздахгæйæ, хъæрæй бафарста:

— Байхъус-ма! Цæмæн æмбæхсыс æмæ дæ ам цы хъæуы?

Къудзийы аууонæй рацыдис лæг хуымæтæджы урс дарæсы мидæг. Йæ сæрæй акуывта æмæ йын уæздан дзуапп радта:

— Æз æмбæхсгæ нæ кæнын. Æз мæхæдæг дæр иу чысыл артист дæн. Мæн нæ фæндыд дæу бахъыгдарын. Лæууыдтæн æмæ дæм хъуыстон.

— Хорз, æмæ уæд уынджы дæр лæууыдаис æмæ уырдыгæй дæр хъуыстаис. Быруйы сæрты æнæ исты хъуыддаг не ’рбахызтаис...

— Æз?.. Быруйы сæрты?.. — хъыг фæкаст лæгмæ. — Бахатыр кæн, æз гæды, мыййаг, нæ дæн. Уæртæ уым, быруйы рæбын, къуымы, фæйнæджытæ ратындæуыд æмæ ууылты æрбафтыдтæн уынгæй.

— Бамбæрстон! — бахудти Ольгæ. — Уæртæ дын кæрты дуар. Курын дæ, æмæ ууылты фæстæмæ цæугæ уынгмæ.

Лæг разынд коммæгæс. Иу ныхас дæр не скодта, афтæмæй кæрты дуарыл ахызти, æхгæнæнæй дуар æрæхгæдта, æмæ уый Ольгæмæ хорз фæкаст.

— Фæлæуу-ма! — асины къæхтыл дæлæмæ æрцæйцæугæйæ, фæдзырдта Ольгæ лæгмæ. — Чи дæ ды? Артист?

— Нæ, — дзуапп радта лæг. — Æз дæн инженер-механик, фæлæ уæгъд рæстæг куы вæййы, уæд хъазын æмæ зарын нæ заводы оперæйы.

— Байхъус-ма, — æвиппайды сдзырдта Ольгæ æргом зæрдæйæ. — Вагзалмæ мæ ныххæццæ кæн. Мæ кæстæр хойы ссыдмæ æнхъæлмæ кæсын. Баталынг ис, æнафон у, фæлæ уый уæддæр нæй æмæ нæй. Тæрсгæ, мыййаг, нæ кæнын, фæлæ нæма зонын амы уынгтæ... Æниу, фæлæуу-ма, цæмæн гом кæныс дуар? Быруйы цур дæр мæм фæлæудзынæ.

Ольгæ бахаста фæндыр уатмæ, кæлмæрзæн йæ уæхсджытыл æрæппæрста æмæ рацыдис талынг уынгмæ, æртæхы æмæ дидинджыты тæф чи кодта, уымæ.

Ольгæ мæсты уыдис Женямæ, æмæ уымæ гæсгæ фæндагыл йе ’мбалимæ бирæ ныхас нæ кодта. Йе ’мбал та йын дзырдта, Георги йæ кæй хонынц, уый, йæ мыггаг та Гараев, æмæ автомобильтæ аразæн заводы инженер-механикæй кæй кусы, уый.

Вагзалы Женямæ бирæ фенхъæлмæ кастысты, ссыдис дыууæ поезды; æппынфæстагмæ, ссыдис æртыккаг дæр, фæстагдæр чи ссæуы, уый.

— Ацы æнæнтыст чызджы тыххæй лæг бирæ маст баййафдзæн! — мæстджынæй сдзырдта Ольгæ, — Æмæ ма мыл дыууисæдз азы кæнæ дæс æмæ ссæдз азы уæддæр куы цæуид. Фæлæ ууыл æртындæс азы цæуы, мæныл та — æстдæс, æмæ, уымæ гæсгæ мæ коммæ нæ кæсы æппындæр.

— Дыууиссæдз нæ хъæуы! — цæхгæр ныллæууыд Георги. — Æстдæсæй хуыздæр ма цы уа! Дзæгъæлы мæт ма кæн. Дæ хо райсомæй раджы ссæудзæни.

Адæм поездæй кæм рахизынц вагзалы, уым ничиуал уыд. Георги сласта йæ тамакодон. Уым æм бауадысты дыууæ цæрдæг æрыгон лæппуйы, æмæ, зынгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уыдон дæр сластой сæ бапъирозтæ.

— Аипп ма уæд, лæппу, — спичкæ ссудзгæйæ æмæ йæ хистæры цæсгоммæ бадаргæйæ, сдзырдта Георги. — Раздæр уал салам раттын хъæуы, стæй уæд уый фæстæ дæ бапъирозæрбадаргъ кæн, уымæн æмæ æз базонгæ дæн демæ цæхæрадоны, уым ногарæзт быруйæ фæйнæг куы рацæйсастай, уæд. Хонынц дæ Михаил Квакин. Афтæ кæу?

Чысыл лæппуйæн йæ сым-сым ссыди, фæстæмæ йæхи айста, Георги спичкæ ахуыссын кодта, Ольгæйы рæмбыныкъæдзыл ныххæцыд æмæ фæстæмæ сæхимæ араст сты.

Уыдон куы ацыдысты, уæд дыккаг чысыл лæппу чъизи папирос йæ фæсхъус асагъта æмæ былæсчъилæй бафарста:

— Уый та цавæр пропагандист фæзындис? Ардыгон у?

— Ардыгон, — æвæндонæй дзуапп радта Квакин. — Уый Тимкæ Гараевы мадыфсымæр у. Тимкæйыл куы æрхæст уаиккам, уæд æй нæмын хъæуы. Æрæмбырд кодта кæйдæрты, æмæ, æнхъæл дæн, нæ ныхмæ цыдæр фыдбылыз аразынц.

Платформæйы кæрон фанары бын дыууæ лымæны ауыдтой зæронд, аиварæзт лæджы. Лæг, йæ лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ, æрцæйцыдис чысыл асинтыл.

Уый уыдис бынæттон цæрæг дохтыр Колокольчиков Ф.Г. Чысыл лæппутæ йæ фæсте асырдтой æмæ йæ хъæрæй фарстой, спичкæтæ йæм ис æви нæй, уымæй. Фæлæ йæм сæ уынд æмæ сæ хъæр хорз нæ фæкаст, æмæ сæм, фæстæмæ фæкæсгæйæ, бартхъирæн кодта йæ къуызыртæ лæдзæгæй, йæхæдæг сабыргай йæ фæндаг дардта.

***

Мæскуыйы вагзалæй Женяйæн йæ къухы нал бафтыдис тел арвитын йæ фыдмæ, æмæ уымæ гæсгæ, дачæйы поездæй рахизгæйæ, сфæнд кодта хъæууон посты хайад бацагурын.

Зæронд цæхæрадоныл цæугæйæ æмæ дидинджытæ æмбырд кæнгæйæ, бадзæгъæл йæхæдæг дæр æй нæ базыдта, афтæмæй дыууæ фæндаджы кæм баиу сты æмæ дыргъдæттæй гæрæнгонд чи уыди, ахæм дыууæ уынгмæ; æдзæрæг ранмæ кæй æрбахауд, уымæй дæр бæрæг уыд, фæндаг кæй фæрæдыди, уый.

Чысыл æддæдæр ауыдта иу чысыл цæрдæг чызджы. Уый æлгъитгæйæ йæ сыкъатæй йæ фæдыл ласта иу æгоммæгæс сæгъы.

— Зæгъ-ма, хорз чызг, дæ хорзæхæй, — ныхъхъæр æм кодта Женя, — кæуылты бацæуын хъæуы постмæ?

Фæлæ уыцы сахат сæгъ чызджы къухтæй атыдта йæхи, йæ сыкъатæ иуæрдæм фæзылдта æмæ уыциу сæппæй цæхæрадоны бамидæг ис, чысыл чызг та йæ фæдыл æрдиаггæнгæ азгъордта. Женя фæйнæрдæм акасти: изæрдалынгтæ кодта, адæмæй та йæм хæстæг дæр ничи уыдис. Бакодта кæйдæр дыууæ уæладзыг дачæйы кæрты дуар æмæ иу къахвæндагыл бацыди тыргъмæ.

— Зæгъут ма мын, уæ хорзæхæй, — дуар нæ бакæнгæйæ, хъæрæй, фæлæ тынг æгъдауыл бафарста Женя: — кæуылты бацæуын хъæуы постмæ?

Дзуапп ын ничи радта. Уым иу цасдæр алæууыди, ахъуыды кодта, дуар байгом кодта æмæ тыргъыл уатмæ бацыдис. Хæдзары хицæуттæ уым нæ уыдысты. Хорзау нал фæци чызг, фæстæмæ фездæхт, рацæуынмæ куыд хъавыд, афтæ стъолы бынæй рабырыд, æнæ схъæр кæнгæ, егъау бурбын куыдз. Уый тынг бæстон бакæстытæ кодта чысыл чызгмæ, сындæггай схъырныдта æмæ дуары цур фæндагыл цæхгæрмæ æрхуыссыди.

— Ды æдылы дæ! — фыртæссæй, æнгуылдзтæ ныппака кæнгæйæ, схъæр кодта Женя. — Æз къæрных нæ дæн! Ницы уæ рахастон. Мæнæ уый нæ фатеры дæгъæл. Уый та нæ фыдмæ тел. Мæ фыд — командир у! Æмбарыс?

Куыдз æнæ хъæлæбайæ хуыссыдис æмæ змæлгæ дæр нæ кодта. Женя та, гом рудзынгмæ йæхи сындæггай ласгæйæ, дарддæр дзырдта:

— Гъе афтæ! Хуыссыс? Æмæ хуысс... Тынг хорз куыдз куы дæ... Бакастæй дæ зондджын, дæ уынд — зæрдæмæдзæугæ.

Фæлæ куыддæр Женя йæ къухæй рудзынджы фæйнæгмæ бавнæлдта, афтæ дын зæрдæмæдзæугæ куыдз, мæсты хъырнд скæнгæйæ, фæгæпп ласта. Женя ма фыртæссæй диванмæ багæпп кодта æмæ йæ къæхтæ йæ ибкæйы бын амбæрзта.

— Уый дын стыр диссаг, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Женя. — Ды ахс æвзæргæнджыты, æмæ дзырдхæсджыты, æз та... адæймаг куы дæн. О! — куыдзмæ фелвæста йе ’взаг. — Æдылы!

Женя стъолы иу кæрон æрæвæрдта дæгъæл æмæ тел. Банхъæлмæ кæсын хъуыд хæдзары хицæутты æрбацыдмæ.

Фæлæ рацыди иу сахат, дыккаг... Баталынг. Гом рудзынгæй йæм дардæй хъуыст паровозты гудокты уасын, куыйты рæйын æмæ волейболы портийы цæфтæ. Кæмдæр гитарæйæ дæр цагъдæуыд. Æрмæст ацы ран, хæлддзаг дачæйы цур, уыд æнæуынæр æмæ сабыр.

Диваны хъæбæр мутакайыл æркъул кодта Женя æмæ сындæггай ныккуыдта.

Куыд фæстæмæ йыл хуыссæг стых æмæ, тарф фынæй бацис.

Райхъал и æрмæстдæр райсомæй.

Рудзынджы æдде сыф-сыф кодтой къæвдайæ æхсад бæлæсты сыфтæртæ. Хæстæг кæцæйдæр хъинц кодта цъайы цалх. Кæмдæр хырхæй лыг кодтой сугтæ, фæлæ уым, дачæйы, фыццагау, уыди сабыр.

Женяйы сæры бын ныр уыдис фæлмæн сæракцъар баз, йæ къæхтæ та æмбæрзт уыдысты рог гобанæмбæрзæнæй. Куыдз пъолыл нал хуыссыд.

Æвæццæгæн, æхсæвы ардæм чидæр æрбацыдис!

Женя фæгæпп ласта, йæ сæрыхъуынтæ фæстæмæ аппæрста, йе ’нцъылдтæ къаба айвæзтытæ кодта, стъолæй райста дæгъæл, кæй нæ арвыста, уыцы тел æмæ сфæнд кодта лидзын.

Уалынмæ стъолыл ауыдта гæххæтты сыф, цъæх кърандасæй йыл егъау дамгъæтæй фыст уыдис:

«Чызг, куы цæуай, уæд-иу дуар дæ фæдыл тынгдæр агуыпи кæн». Бындæр та дзы къух фыст: «Тимур».

Тимур? Чи у Тимур? Фенын æй хъæуы уыцы адæймаджы æмæ йын арфæ ракæнын».

Иннæ уатмæ бакасти. Уыдис дзы фыссæн стъол, йæ уæлæ чернилæдон, æртхутæгдон, чысыл кæсæн, гæрзæй конд зæнгæйтты цур рахизæрдыгæй уыдис зæронд, згæхæрд дамбаца. Уым ма стъолыфарсмæ уыдис дызгъуын æмæ цъæррæмыхст кæрддзæмы тъыст туркаг къæдз æхсаргард. Женя дæгъæл æмæ тел æрæвæрдта, æхсаргард асгæрста, йæ кæрддзæмæй йæ сласта, уæлæмæ йæ фæдардта æмæ кæсæнмæ бакасти.

Йæ бакаст уыдис карз, тызмæг. Афтæмæй къам сисын хорз уаид æмæ уый фæстæ дæ къам скъоламæ бахæсс! Асайæн сæ уаид, мæ фыд мæ кæддæр йемæ фронтмæ акодта, зæгъгæ. Галиу къухы та дамбаца райсæн ис. Мæнæ афтæ. Уый ноджы хуыздæр уыдзæни. Йе ’рфгуытæ тынг æрæлхынцъ кодта, былтæ банцъылдта. æмæ, кæсæнмæ хъавгæйæ, дамбацайы мæнгвæдæг æрбалхъывта.

Уат ныннæрыди. Фæздæгæй рудзгуытæ нал зындысты, стъолы кæсæн æрхауд æртхутæгдоныл. Женя дæгъæл дæр æмæ тел дæр стъолыл фæуагъта, йæхæдæг, йæ хъустæ гуыр-гуыр кодтой, афтæмæй уыцы-иу тахт ракодта уатæй æмæ лидзын райдыдта ахæм диссаг æмæ тæссаг хæдзарæй.

***

Куыддæр æгъдауæй февзæрдис цæугæдоны былыл. Нал æм уыдис нæдæр дæгъæл Мæскуыйы фатерæй, нæдæр телæн йæ квитанцæ, нæ дæр тел йæхæдæг. Æмæ ныр уыдон иууылдæр Ольгæйæн радзурын хъæуы: куыдзы тыххæй дæр, æдзæрæг дачæйы æхсæв кæй баззад, уый дæр, туркаг æхсаргарды тыххæй дæр, стæй дамбацайы гæрахы тыххæй дæр. Æвзæр у хъуыддаг! Мæ фыд куы уаид, уæд уый бамбарид хъуыддаг. Ольгæ йæ нæ бамбардзæни. Ольгæ смæсты уыдзæни æмæ ма, æвæццæгæн, кæугæ дæр скæндзæн. Уый та ноджы фыддæр. Женя йæхæдæг дæр зоны кæуын. Фæлæ Ольгæйы цæсты сыгтæ куы ауыны, уæд æй кæддæриддæр фæфæнды телы хъæдмæ, бæрзонд бæласмæ кæнæ хæдзары цары хæтæлмæ сбырын.

Хъæбатырдæр цæмæй уыдаид, уый тыххæй Женя доны йæхи цынадта æмæ сындæггай араст ис, цы дачæйы цардысты, уый агурæг. Тыргъты асинтыл куы сцæйхызт, уæд Ольгæ талæууыдис цæлгæнæны æмæ примус сыгъта. Къæхты хъæр куы фехъуыста Ольгæ, уæд фæстæмæ фæзылди æмæ уыцы æдзынæгæй мæстыгæр каст ныккодта Женямæ.

— Дæ бон хорз, Оля! — асины уæллаг къахыл æрлæугæйæ æмæ схудын фæлваргæйæ, загъта Женя. — Оля, нæ мæм хæцдзынæ?

— Хæцдзынæн! — йæ хомæ æдзынæг ныккæсгæйæ, дзуапп радта Ольгæ.

— Цæй, уæд та, хæц! — æнæуæлдай ныхас сразы Женя. — Зоныс, ахæм диссаджы хабар, чи никуыма æрцыд, ахæм бæллæхтæ! Оля, курын дæ æмæ де ’рфгуытæ ма æлхынцъытæ кæн. Тæссаг хабарæй дзы ницы ис, æрмæст мын нæ фатеры дæгъæл кæмдæр фесæфти, нæ фыдмæ тел нæ арвыстон...

Жевя йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта æмæ тынг ныуулæфыд, уыциу дзырд сæ куыд ракодтаид, йæ фæнд афтæ уыди.

Фæлæ уалынмæ кæрты дуар чидæр уыцы-иу цæф ныккодта æмæ байгом. Кæртмæ æрбагæпп кодта ичъийæ йе дзаг, ахæм пыхцылтæ сæгъ, йæ сыкъатæ цæвынввонг дæлæмæ æруагъта, афтæмæй дыргъдонмæ балыгъдис. Йæ фæдыл та кæугæ æрбазгъордта, Женя знон цы бæгъæввад чызг федта, уый.

Афтæмæй Женя, кæмæй тарст, уыцы ныхас фæуагъта æмæ азгъордта дыргъдонмæ сæгъ ратæрынмæ.

Уый чысыл чызджы баййæфта, чысыл чызг, тыхулæфт кæнгæйæ, сæгъы сыкъатыл куы хæцыди, уæд.

— Чызг, ницы дæ фесæфти? — тагъдгомау, йæ былы æлгътæй, афарста чысыл чызг Женяйы, йæхæдæг сæгъы мыхъхъытæ кæны йæ уæрагæй.

— Ницы, — нæ йæ бамбæрста Женя.

— Уæдæ мæнæ уый кæй у? Дæу нæу? — Æмæ йын чысыл чызг равдыста сæ мæскуыйаг фатеры дæгъæл.

— Мæн у, — сабырæй сдзырдта Женя, тыргъы ’рдæм тæссæй акæс-акæс кæнгæйæ.

— Айс дæгъæл, фыстæг æмæ квитанцæ, тел та æрвыст æрцыдис, — уæддæр та афтæ тагъдгомау æмæ йæ былы æлгътæй цъыбар-цъыбур кодта чысыл чызг.

Женяйы къухты гæххæтты тыхтон фæсагъта, йæхæдæг сæгъы тымбыл къухæй ныххафт ласта.

Сæгъ кæрты дуары ’рдæм уыцы-иу згъорд акодта, бæгъæввад чысыл чызг йæ фæдыл сындзытыл, пысыратыл афтæ атахти, æмæ йыл цæст нæ хæцыд. Æмæ уайтагъд дæр дуары æдде цыдæр фесты.

Над цыма сæгъыл нæ, фæлæ Женяйæн йæхиуыл ауади, уыйау йæ уæхсджытæ фæбукъ кодта, стæй райхæлдта тыхтон.

— Уый дын дæгъæл, уый дын телы квитанцæ. Уæдæ, нæ фыдмæ чидæр тел арвыста. Фæлæ чи? А — а, мæнæ фыстæг! Цы уыдзæни уый?

Уыцы фыстæджы цъæх кърандасæй егъау дамгъæтæй фыст уыди:

«Чызг, уæ хæдзары макæмæй тæрс. Æвзæр хабарæй дзы ницы ис, стæй мæнæй дæр ничи ницы фехъусдзæн». Бындæр дзы бафыста йæ къух: «Тимур».

Цыма йын хин счындæуыди, уыйау фæцис Женя, стæй фыстæг сындæггай йæ дзыппы сæвæрдта. Уый фæстæ йæ уæхсджытæ араст кодта æмæ æдæрсгæ ацыди Ольгæмæ.

Ольгæ лæууыдис уыциу ран, кæй нæма ссыгъта, уыцы примусы цур, æмæ йæ цæстытæ доны разылдта.

— Оля! — хъынцъымгæнгæ загъта Женя. — Æз дæ хъазгæ кодтон. Цæуыл мæм мæсты кæныс? Æз бафснайдтон фатер иууылдæр дæр, рудзгуытæ ныссæрфтон, архайдтон, бызгъуыртæ æмæ пъолтæ иууылдæр ныхсадтон. Мæнæ дын дæгъæл, мæнæ дын нæ фыды телæн квитанцæ. Æри æмæ дын фæлтау аба кæнон. Зоныс, куыд бирæ дæ уарзын, уый! Кæд дæ фæнды, уæд æз дæу тыххæй хæдзары сæрæй пысыратæм дæр рагæпп кæндзынæн?

Æмæ Ольгæйы дзуаппмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, афтæмæй Женя йæхи баппæрста йæ хойы хъæбысмæ æмæ йын йæ хъуырыл ныттыхсти.

— О... фæлæ æз та мæт кодтон, — мæстыйæ сдзырдта Олыæ. — Ахæм хынджылæггаг митæ ды арæх фæкæныс... Мæнæн та нæ фыд загъта... Женя, ныууадз! Мæ къухтæ фæтæгенæйдзаг сты! Фæлтау чысыл аджы æхсыр ныккæн æмæ йæ примусы уæлæ сæвæр!

— Æз... æнæ хынджылæггæнгæ нæ зонын, — дзырдта Женя, Ольгæ хихсæны цур куы лæууыдис, уæд.

Чысыл æхсырыаг примусыл æрæвæрдта, йæ дзыппы цы фыстæг уыдис, уый асгæрста æмæ афарста:

— Оля, хуыцау ис?

— Нæй, — дзуапп радта Ольгæ æмæ йæ сæр хихсæнмæ бадардта.

— Уæдæ цы ис?

— Ныууадз! — мæстыйæ сдзырдта Ольгæ. — Ницы ис!

Женя иу дзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй та афарста:

— Оля, æмæ уæдæ Тимур чи у?

— Уый хуыцау нæу, кæддæр паддзах уыди, — йæ цæсгом æмæ йæ къухтæ сапонæй сæрдгæйæ, æвæндон дзуапп радта Ольгæ, — мæстыгæр къуылых, астæуккаг историйæ.

— Æмæ кæд паддзах нæу, мæстыгæр æмæ астæуккаг историйæ нæу, уæд та чи у?

— Уæд нæ зонын. Ныууадз мæ! Афтæ æхсызгон дæ цæмæн бахъуыдис Тимур?

— Уымæн, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма йæ бирæ уарзын, уыйау.

— Кæй? — дисгæнгæ, йæ цæсгом сапоны фынкæй дзаг, афтæмæй скасти уæлæмæ Ольгæ. — Цы хъуыр-хъуыр кæныс, цы æрæмысыдтæ, — нæ мæ уадзыс мæхи ныхсын. Фæлæуу, мæнæ нæ фыд æрцæуа, æмæ дын уый равзардзæн дæ уарзондзинад.

— Нæ фыд цы! — хъынцъымгæнгæ, зæрдиагæй загъта Женя. — Уый куы æрцæуа, уæддæр бирæ рæстæгмæ нæ. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бафхæрдзæни иунæг чи у æмæ йæ сæрыл сдзурæг кæмæн нæй, ахæм адæймаджы.

— Уый ды дæ иунæг æмæ йæ сæрыл сдзурæг кæмæн нæй, ахæм адæймаг? — æнæууæнк фарст акодта Ольгæ. — О, Женя, цы хуызæн адæймаг дæ æмæ кæмæй фæдæ, уымæн æз ницы æмбарын!

Уæд Женя йæ сæр æргуыбыр кодта æмæ, урс цайныччы æрттивгæ фарсмæ йæхимæ кæсгæйæ, сæрыстырæй æмæ дардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ дзуапп радта.

— Мæ фыдæй. Æрмæстдæр. Уымæй. Иунæг уымæй. Æндæр дунейыл æппындæр никæмæй.

Ацæргæ джентльмен, дохтыр Ф. Г. Колокольчиков бадти йæ дыргъдоны æмæ цалцæг кодта къулы сахат.

Йæ разы æнкъард хуызæй лæууыди йæ фырты лæппу Коля. Цыма зæронд лæгæн æххуыс кодта, йæхимæ афтæ кастис. Æцæгæй та æнæхъæн сахаты бæрц йæ къухы лæсгæрзилæн дары, æмæ цалынмæ зæронды бахъæуа уыцы мигæнæн, уæдмæ æнхъæлмæ кæсы.

Фæлæ сахаты æндон здыхт цъæт, йæ бынаты сæвæрын кæй хъуыди, уый уыдис æгоммæгæс, зæронд лæг та уыди быхсаг. Æмæ лæппумæ афтæ касти, цыма уыцы æнхъæлмæкастæн кæрон нæ уыдзæнн. Хъыг æм касти уæлдай дæр та уый тыххæй, æмæ сыхæгты быруйæ иу цалдæр хатты йæ сæр æрбадардта Симæ Симаков, уый та уыди цæрдæг æмæ æмбаргæ адæймаг. Симæ Симаков йе ’взагæй, йæ сæрæй, йæ къухтæй амыдта ахæм цыдæр диссаджы æмæ æнахуыр нысантæ, æмæ ма суанг Коляйы фондзаздзыд хо Татьянæ дæр, сусхъæд бæласы бын бадгæйæ æмæ йæ цуры цы куыдз хуыссыд, уый дзыхы ичъитæ тыхтъыст кæнгæйæ хæрзæнæвдæлон уыд, фæлæ уый дæр æвиппайды сæрдиаг кодта æмæ зæронд лæгæн йæ хæлафы къах райвæзта. Уый фæстæ Симæ Симаков æвиппайды цыдæр фæцис.

Фæстагмæ, цъæт йæ бынаты абадт.

— Адæймаг хъуамæ кусгæ кæна, — йæ хидæйдзаг сæрыл уæлдæр схæцгæйæ æмæ Колямæ бакæсгæйæ, амонæгау сдзырдта урссæр джентльмен Ф.Г. Колокольчиков. — Ды та афтæ кæсыс, цыма дын касторкæ дæттын, уыйау. Æри лæсгæрзилæн æмæ аркъау айс. Куыст адæймаджы зондыл æфтауы. Дæумæ та раст уыцы уæздандзинадæй æппындæр ницы ис. Зæгъæм, знон ды бахордтай сæлдæджы цыппар порцийы æмæ дзы дæ кæстæр хойæн нæ бахай кодтай.

— Уый гæды зæгъы, æдзæсгом! — Татьянæмæ мæстыгæрæй бакæсгæйæ, схъæр кодта уыцы афхæрдмæ Коля. — Æртæ хатты йын радтон алы хайæ дæр дыууæ хатты акомдзаг кæнын. Уый та мæ ноджы ардаугæ скодта, стæй ма цæугæ-цæуын нанайы стъолæй цыппар капеччы дæр рамыргъта.

— Ды та æхсæвыгон рудзынгыл бырыдтæ бæндæныл, — зæгъгæ, чит дæр нæ фæкодта æмæ йе ’ргом дæр нæ разылдта, афтæмæй срæцыхта Татьянæ. — Дæ базы бын та фанар ис. Кæм фæхуыссæм, уыцы уатмæ нæм цавæрдæр хулиган та знон дуртæ æхста. Дур æрбахсы æмæ та ныхситт кæны, æрбахсы æмæ та ноджы ныхситт кæны.

Фыр мæстæй ссыгъди Коля Колокольчиков, Татьянæ ахæм æдзæсгом кæй разынд æмæ мæнгард ныхæстæ кæй кодта, ууыл. Йæ буар ныддыз-дыз кодта сæрæй къæхтæм. Фæлæ йæ амонд уыди, æмæ йæ фыды-фыд куыстыл фæци, уымæ гæсгæ ахæм тæссаг хахуыр ныхæстæм йæ хъус нæ бадардта, кæннод та сæ хъусгæ нæ фæкодта. Уалынмæ уым дыргъдоны æрбалæууыди æхсырхæссæг æд æхсыр, æмæ кружкæйæ æхсыр баргæйæ, райдыдта хъаст кæнын:

— Мæнæн та, Федор Григорьевич, жуличчытæ, чысыл-ма бахъæуа, мæ тулдз гарз кæртæй атулой. Абон та мын адæм афтæ дзырдтой, райсомæй, дам, хæрз рзджы дæ цары дыууæ лæджы федтам: хæтæлыл бадынц, хуыцауы ’лгъыстытæ, æмæ сæ къæхтæй дзедзро кæнынц.

— Ома, хæтæлыл та куыд? Бахатыр кæн, фæлæ уый та цæй тыххæй? — афæрсынмæ хъавыди дисгæнæг джентльмен.

Фæлæ уыцы сахат кæркдоны ’рдыгæй хъæр æмæ цыдæр дзыгъал-мыгъул ссыди. Урссæр джентльмены къухы лæсгæрзилæн фæбырыд, хъандзал, йæ бынатæй фесхъиудта æмæ уыциу тахтæй цары æфсæйнаг æмбæрзæныл сæмбæлд. Се ’ппæт дæр, суанг Татьянæ дæр, суанг ма зивæггæнаг куыдз дæр фæкастысты иумæ, æмбаргæ йæ нæ бакодтой цæй дзыгъал-мыгъул у æмæ цы хабар у, уый, афтæмæй. Коля Колокольчиков та иу ныхас дæр не скодта, тæрхъусы гæпп акодта уырыдзыйы хуымтыл æмæ быруйы æддейы цыдæр æрбаци.

Хъомты сарайы цур æрлæууыди. Уырдыгæй дæр, кæркдонæй куыд хъуысти, афтæ хъуысти цавæрдæр хъæр, цыма чидæр гирæй рельсы лыггаг цавта, уыйау. Раст уыцы ран уый хæрхæмбæлд фæцис Симæ Симаковимæ, æмæ йæ афарста тарст хуызæй:

— Байхъус-ма... Æз ын ницы æмбарын. Ай цы у?.. фæдис?

— Нæ! Уый, æнхъæл дæн, фыццаг формæмæ гæсгæ иумæйаг сидæн сигнал у.

Быруйы сæрты агæппытæ кодтой, цæхæрадоны быруйы хуынкъыл бауадысты. Уыцы ран сыл амбæлди бæзæрхыг уæхскджын фидар лæппу Гейкæ. Йæ фæдыл уым балæууыд Васили Ладигин. Ноджы ма чидæртæ. Æмæ æнæ хъæрæй, тагъд, æрмæст сæхæдæг кæй зыдтой, уыцы цæуæнтыл уайгæйæ цыдысты цыдæр хъуыддагмæ, згъоргæ-згъорын кæрæдзимæ цыбыр ныхас кæнгæйæ:

— Уын фæдис у?

— Нæ! Уый фыццаг, формæмæ гæсгæ иумæйаг фæсидт у.

— Цæй сидæн? Уый нæу «æртæ — стоп», «æртæ — стоп». Уый цавæрдæр æдылы уыциу лæвæрд кæны цалхæй дæс цæфы фæд-фæдыл.

— Фендзыстæм æй.

— О, гъо, сбæрæг æй кæндзыстæм!

— Размæ! Уадау!

Женя æхсæв кæм баззади, раст уыцы дачæйы иу уаты уыцы сахат лæууыдис бæрзонд æмæ саухил лæппу, æртындæс азы кæуыл цыдаид, ахæм. Йæ уæлæ уыди сау тæнæг хæлаф æмæ тарцъæх æнæдыстæ хæдон, йæ риуыл æндахæй конд сырх стъалы.

Лæппумæ, хæстæг бацыдис зæронд пыхцылсæр лæг. Йæ кæттаг хæдон уыди мæгуырау. Йæ уæрæх хæлаф — æмпъызтытæ. Йæ галиу къахы уæрагмæ йын гæрзæй баст уыди дызгъуынтæ арæзт хъæдын къах. Йæ иу къухæй хæцыди фыстæгыл, йе ’ннæ къухæй та фидар хæцыди зæронд згæхæрд дамбацайыл.

— Чызг, уæхимæ куы цæуай, уæд-иу дуар фпдар агуыпп кæн, — худæгау бакасти зæронд лæг. — Зæгъ-ма мын, уæддæр, дысон нæ диваныл чи хуыссыди?

— Иу зонгæ чызг, — æвæндонæй загъта чысыл лæппу. — Æз ам нæ уыдтæн, афтæмæй йæ нæ куыдз æрцахста.

— Гæды та зæгъыс! — смæсты зæронд. — Уый дæуæн зонгæ куы уыдаид, уæд æй ам, фыстæджы, йæ номæй схуыдтаис.

— Уый куы фыстон, уæд ын йæ ном нæ зыдтон, Фæлæ йæ ныр зонын.

— Нæ зыдтай. Æмæ йæ райсомæй иунæгæй ныууагътай... фатеры? Ды, мæ хæлар, рынчын дæ æмæ дæ æррадонмæ арвитын хъæуы. Уыцы æвзæр нын нæ кæсæн асаста, æртхутæгдон ныппырх кодта. Хорз æмæ дамбаца нæмыгæй ифтыгъд нæ уыди. Фæлæ дзы нæмыг куы фæцадаид, уæд та?

— О мæ, баба... нæмыгæй ифтыгъд гилдзытæ дæумæ никуы вæййы, уымæн æмæ дæуæн де знæгтæ чи сты, уыдонæн сæ топпытæ æмæ се ’хсаргæрдтæ сты... хъæдын.

Зæронд лæг цыма худгæ бакодта, уыйау зынд. Уæддæр йæ пыхцылтæ сæр батылдта æмæтызмæгæй загъта:

— Хъусыс! Æз алцыппæт дæр фиппайын. Куыд кæсын, афтæмæм цыдæр æвзæр хъуыддæгтæ кæныс, æмæ дæ уыдæтты тыххæй фæстæмæ, дæ мадмæ, куы нæ арвитин.

Йæ хъæдын къахæй гуыпгуыпгæнгæ, зæронд лæг асинтыл ссыди уæлæмæ. Уый куы фæаууон, уæд лæппу фыр цинæй скафыд, фæлæбурдта, уатмæ чи базгъордта, уыцы куыдзы къахмæ æмæ йын йæ былтæн аба кодта.

— Агъа, Ритæ! Нæ дыууæйы дæр æрцахстой! Ницы кæны, уый абон йæ зæрдæйы дзæбæхыл у. Ныртæккæ зарын райдайдзæн.

Æцæг дæр. Уæле уатæй æрыхъуысти хуыфын. Уый фæстæ цавæрдæр тра-ля-ля!.. Æмæ куыд фæстæмæ ныллæг хъæлæсæй ныззарыд:

Нæ хуыссын æз æртыккæгæм æхсæв. Мæ цæстытыл уайы

Хъуынтъыз сабырады мидæг сусæг змæлд...

— Фæлæуу, æрра куыдз! — схъæр кодта Тимур. — Мæ хæлаф мын цы скъуыныс æмæ мæ кæдæм ивазыс?

Уалынмæ, йæ мадыфсымæр кæм царди, уырдæм цы дуар цыди, уый тынг багуыпп кодта, æмæ тыргътыл куыдзы фæдыл рауади верандæмæ.

Верандæйы иу къуымы чысыл телефоны цур дзедзро кодта, гæппытæ кодта æмæ къулыл йæхи хоста синагæй баст бурæй арæзт чысыл дзæнгæрæг.

Чысыл лæппу дзæнгæрæджы йæ къухы балхъывта, синаг æртыхта зæгæлыл. Дзедзро чи кодта, уыцы синаг æрлæмæгъ, æвæццæгæн, кæмдæр аскъуыди. Уæд, дис кæнгæйæ æмæ смæсты уæвгæйæ, лæппу фæлæбурдта телефоны трубкæмæ.

***

Уыдæттæ æрцæуыны агъоммæ иу сахат раздæр Ольгæ бадти стъолы фарсмæ. Йæ разы уыди физикæ ахуыргæнæн чиныг.

Бацыди Женя æмæ систа авджы мидæг йод.

— Женя, — бустæгæнгæ йæ афарста Ольгæ, — де уæхск та цъæррæмыхст цæмæн у?

— Æрбацæйцыдтæн, — æнæмæтæй загъта Женя, — æмæ уæртæ уым фæндагыл цыдæр сындзы хуызæн цыргъ. Æмæ афтæ рауади.

— Уæдæ мæнæн мæ фæндагыл цæуылнæ вæййы сындз кæнæ æндæр исты цыргъ? — мæстæй маргæйæ загъта Ольгæ.

— Раст нæ зæгъыс! Дæуæн дæ фæндагыл ис экзамен математикæйæ. Уый сындз дæр у æмæ цыргъ дæр. Кæс-ма афтæ, не сфæраздзынæ!.. Олечкæ, инженерыл ма ахуыр кæн, фæлтау дохтырыл ахуыр кæн, — сдзырдта Женя, Ольгæйы размæ стъолын кæсæн бадаргæйæ. — Æрбакæс-ма: цæй инженер дæ рацæудзæни дæуæй? Инженер хъуамæ уа мæнæ афтæ... афтæ... æмæ афтæ... (Æртæ хатты йæхи рæвдз фæзылдтытæ кодта). Ды та — афтæ... афтæ æмæ афтæ... — Ацы ран Женя йæ цæстытæ азылдта, йе ’рфгуытæ уæлæмæ скодта æмæ тынг уæздан бахудт.

— Æдылы! — загъта Оля, Женя та йын хъæбыстæ æмæ батæ кæныныл схæцыд, уый йæ йæхицæй æддæдæр кодта æмæ дарддæр дзырдта: — Ацу, Женя, ма мæ хъыгдар. Фæлтау уæртæ цъайæ дон æрбадав.

Женя тæбæгъæй райста фæткъуы, къуымы ’рдæм бацыди, рудзынджы раз алæууыди, стæй райхæлдта фæндыры агъуд æмæ сдзырдта:

— Зоныс, Оля! Абон мæм иу цавæрдæр лæг æрбауад. Æдде ба


Поделиться:

Дата добавления: 2015-09-13; просмотров: 49; Мы поможем в написании вашей работы!; Нарушение авторских прав


<== предыдущая лекция | следующая лекция ==>
Призрак прошлого | Математическая формулировка
lektsii.com - Лекции.Ком - 2014-2024 год. (0.008 сек.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав
Главная страница Случайная страница Контакты